Обращение к Дауровым
Дауыраты мыггаджы æмбырды сидт
Дауыратæй йæхи чи хоны, уыдонмæ сеппæтмæ дæр.
Абон нæ мыггаджы минæвæрттæ сæ иумæйаг æмбырды æрныхас кодтой нæ абон, нæ фидæн æмæ Ирыстоны царды цы бынат ахсæм æппæт уыдæтты тыххæй.
Аппæт мыггаджы комæй æмхъæлæс фидаргонд æрцыд сидт Дауыратæй йæхи чи хоны æмæ фыссы уыдонмæ. Мыггаджы ныхасмæ æвзæрст чи æрцыд: сæдарæй – Таймураз, йæ хæдивджытæ – Андрей æмæ Хъазыбег. Уыдоны уагæвæрдмæ гæсгæ æххæст кæнынрайдайæнт сæ хæстæ.
Алчидæрнæ хъуамæ сæ коммæ кæса, æххæст кæна мыггаджы ныхасы уынаффæтæ.
Дауыратæ! Абонæй фæстæмæ уе ‘ргом тынгдæр здахут уæ мыггагмæ, кæрæдзийы фарсмæ лæууыт, кæрæдзийы фылдæр уарзут, цæмæй иннæ мыггагтæй цауыддæр æмæ æдзыллагдæр ма уæм.
Нæ зынаргъ мадæлтæ æмæ нæ фыдæлтæ! Нæ дзæбæх кæстæрты нын раст фæндагыл аразут, мыггагыл сæ бæттут, алчидæр сæ хъуамæ сыгъдæг дзура сæ мадæлон æвзагыл, зона нæ ирон æгъдæуттæ, æххæст сæ кæна.
Нæ уарзон æфсымæртæ æмæ кæрдзыдæттон чындзытæ! Фылдæр кæнут уæ цот, нæ каджын мыггаг нымæццæй цудын ма бауарзут.
Дауыраты мыггагæй хъуыддаг чи нæма бакодта, уыдонæй домæм, цæмæй цыбыр рæстæгмæ сæ цард саразой, нæртон чындзæхсæвтæ скæной, цæмæй дзы иууылдæр сæмбæлæм, зардиагæй сын скувæм.
Хъуамæ алы хæдзары дæр æртæ сывæлонæй кæддæр ма уа.
Мыггагæй карз ностæй, хъылмамæ æмхиц чи у, уыдоны раст фæндагыл аразут, коммæ чи нæ кæсы, уый хъуыддаг – иу рахæссæм мыггаджы ныхасы æмбырды рæвзарынмæ, ма бауадзæм цæмæй нын уыдон нæ мыггаджы кад дæлæмæ тæрой.
Алы адæймаг дæр нæ хъуамæ йæ размæ фарст æрæвæра: цы хордзинад бæкæндзæн æмæ ныууадзæн йæ фæстæ мыггагæн, æппæт ирон адæмæн.
Мыггаджы тыхст уавæры чи бахауа уымæ уæ хонын ма хъæуæд, афоныл иу йæ фарсмæ æрбалæуут , баххыс – иу ын кæнут.
Иудзырдæй, нæфыдæлты кад æмæ фарн, ма фесафут, фылдæрæй фылдæр кæнут, кæрæдзийы уарзут уымæн æмæ иу туг, иу стæг стæм.
Амондджын ут! Уастырджи уын æххуысгæнæг уæд!
Нæ иннæ куывд, Хуыцауы фæндæй, ноджы расугъддæр, мидисджындæр æмæ хъæздыгдæр скæндзыстæм.
26.09.2009г.
Общественная благотворительная организация
«Даурия» фамилии Дауровых.